Гуырдзыстоны регионон рæзынады æмæ инфраструктурæйы министрады муниципалон рæзынады фонд, горæтты æмæ курортты райрæзты ног паддзахадон программæ райдайы. Фæнысангонд программæмæ гæсгæ фонд гом дуары бон ауагъдта.
Ног программæ Гуырдзыстоны премьер-министры инициативæйæ цæуы æххæст æмæ паддзахадон бюджетæй иу миллиард лари бахардз уыдзæн.
Программæ фондзазон у, кæцыйы фыццаг этапыл æвзæрст у 11 бынат: Борджом, Бакуриан, Кутаис, Цъхъалтубо, Телав, Зугдид, Батум, Мцхета, Степанцъминда, Мтацъминда æмæ Хъазбег.
Программæйы фæлгæтты, ранæуæг уыдзæн Борджомы историон хай æмæ централон парк; райтынг уыдзæн Цъхъалтубойы централон парк æмæ уазал цады ног рекреаци; сырæздзæн Зугдиды ног бульвар; ранæуæг уыдзæн Кутаисы историон ареал, ботаникон парк æмæ капиталон реабилитаци сырæздзæн Кутаисы Ладо Месхишвилийы номыл театр; Телавы райтынг уыдзæн Батонисцихе æмæ йæ алыварс ареал; автæма капиталон реабилитаци сырæздзæн Телавы Важа Пшавелайы номыл драмон театрæн; ранæуæг уыдзæн Батумы историон хай æмæ райтынг уыдзæн рекреаци. Программæ йæ хъуыдыйы дары Хъазбеджы, Бакурианы æмæ Местиайы муниципалитетты историон ареалты сног æмæ ног центрты саразын дæр.