Рæстдинон дуне абон бæрæгбон кæны Зазхæссæн. Бæрæгбойнон литурги алы архайæг аргъуаны цæуы.
Æппæт гуырдзыстоны Каталикос Патриарх Хуыцаумæ скуывд Самебайы кафедралон аргъуаны райдыдта 10:00 сахатыл.
Зазхæссæн у 12 стыр бæрæгбонтæй сæ иу æмæ Куадзæны раззаг къуыри банысан кæнынц. Ацы бон аргъуан мысы Цардæттæгы Йерусалиммæ кадæй бацыд. Евангелимæ гæсгæ, Лазары мæрдтæй судæгас кæныны фæстæ, Чырысти Пасекы сбæрæгбон кæнынæн Йерусалеммæ ныццыд. Сахармæ бахызт хæрæгыл бадæгæйæ, цæрджытæ та йæ размæ рацыдысты цингæнгæйæ. Уыдон Цардæттæгæн йæ фæндагыл заргæ-зарын райтыгъдтой сæ дарæс æмæ пальмæйы калиутæ. Рæстдинонтæ ацы бон аргъуанмæ донхæрисы къалиутимæ бацæуынц, æмæ сæ стæй æнæхъæн афæдзы дæргъы æвæрынц.