Рæстдинон аргъуан абон сыгъдæг Георгийы бæрæгбон нысан кæны. Бæрæгбоны фæдыл æппæт кусæг аргъуанты æмæ моладзандонты уагъд æрцæудзæн кадджын куывд.
6-æм май у Сыгъдæг Стыр хъизæмаргæнæг Георгийы амарыны бон. Сыгъдæг Георгий, диссæгтæ аразæг æмæ æппæтхъомысджын, нымад у гуырдзиаг нацийы хъахъхъæнæгыл æмæ уæлдай уарзон у Гуырдзыстоны.
Джеоргуыбайы бæрæгбон нысан кæнынц афæдз дыууæ хатты: 6-æм майы – сыгъдæджы амарыны бон, 23-æм ноябры та – цæлхытыл йæ хъизæмар кæныны бон. 23-æм ноябры бæрæгбон гуырдзиаг уымæн хуыйны, æмæ Гуырдзыстонæй æндæр аргъуантæм ахызт.