Рæстдинон аргъуан абон Джеоргобайы бæрæгбон нысан кæны. Бæрæгбоны фæдыл æппæт кусæг аргъуанты æмæ моладзандонты уагъд æрцæудзысты куывдтæ.
6-æм май у Сыгъдæг Стыр Хъизæмаргæнæг Георгийы амарыны бон. Сыгъдæг диссæгтæг æмæ уæлахизхæссæг Георгий нымад у гуырдзиаг нацийы хъомылгæнæгыл æмæ йæ Гуырдзыстоны уæлдай тынгдæр уарзынц.
Традицимæ гæсгæ, сыгъдæг райгуырд III æнусы дыгкаг æмбисы Каппадокийы, хъæздыг чырыстон бинонты ‘хсæн. Фæстæдæр, Ромы император Диоклетианы рæстæджы, Сыгъдæг Георги сси æфсæддон хистæр. Чырыстон диныл хæст адæмы æфхæрд куы райдыдтой, уæд йæхи ныууагъта паддзахæй. Ромы император домдта, цæмæй Сыгъдæг Георгий Чырыстийыл нæ сразы уа. Сыгъдæг Георги амард чырыстон дины тыххæй 30-аздзыдæй. Уый бацыд аргъуаны историмæ куыд уæлахиздзау æмæ æнæфæуæлахизгæнæг уæларвон бæхылбадæг. Алыхуызон хъизæмæртты æхсæн ма йæ цæлхытыл дæр ныццавтой. 303 азы Сыгъдæг Георгийы сæр ралыг кодтой.
Сыгъдæг Георгийы бæрæгбон нысан кæнынц афæдз дыууæ хатты: 6-æм майы – амарыны бон, 23-æм ноябры та – йæ хъизæмар кæныны бон. 23-æм ноябры бæрæгбон гуырдзиаг уымæн хуыйны, æмæ Гуырдзыстонæй æндæр аргъуантæм ахызт.