Рæстдинон аргъуан  бæрæгбон кæны Фырсыгъдæг  Мад Майрæмы Хорзуацы Фехъуысæн
Рæстдинон аргъуан бæрæгбон кæны Фырсыгъдæг Мад Майрæмы Хорзуацы Фехъуысæн

Рæстдинон аргъуан 7 апрелы  Фырсыгъдæг  Мад Майрæмы Хорзуацы Фехъуысæн  бæрæгбон кæнынц. Ацы бонмæ гæсгæ  алы  архайæг  аргъуаны   бæрæгæбонон  скуывд  ацæуы.

Æппæт Гуырдзыстоны Каталикос-Патриарх, Илья Дыккаг  литурги  Самебайы  кафедралон  аргъуаны  10:00 сахатыл ауагъдта.

Фырсыгъдæг  Мад Майрæмы Хорзуацы Фехъуысæн рæстдины бæрæгбæттæй  у  иуæй-иу стырдæр.  Евангелимæ гæсгæйæ,  ацы бон  Галилейы   горæт  Назареты  Фырсыгъдæг Мад Майрæммæ  сæйраг зæд  Габриил фæзындис æмæ йын  хорзуац фехъусын кодта, ома  йын  райгуырдаит  Хуыцауы фырт æмæ адæймагадæн царддæттæг.

Бæрæгбонмæ гæсгæ, стыр Комдарæны ацы  бон рæстдиныл хæст  марходарæг адæмæн ис чысыл уæлбар – аходæн кæнынц кæсагæй æмæ  цуъс  сырх сæн дæр аназынц.