Рæстдинон аргъуан бæрæг кæны Бзобайы хуыцаубон
Рæстдинон аргъуан бæрæг кæны Бзобайы хуыцаубон

Рæстдинон аргъуан абон Бзобайы хуыцаубон нысан кæны. Бæрæгбонон литурги уагъд æрцæудзæн æппæт кусæг аргъуанты.

Хуыцаубон у Хицауы 12 стыр бæрæгбонæй иу æмæ бæрæггонд цæуы Куадзæны размæ хуыцаубоны. Ацы бон аргъуан мысы ирвæзынгæнæджы кадджын бацыд Иерусалиммæ.

Евангелимæ гæсгæ, Лазæры мæрдтæй куы райгас кодта, уæд Чырысти æрцыд Иерусалиммæ Куадзæны бæрæгбон сбæрæг кæнынмæ. Горæтмæ бацыд хæрæгыл, æмæ йыл цæрджытæ бæрæгбонимæ сæмбæлдысты. Уыдон сæ дарæс æмæ пальмæйы къалиутæ æрæвæрдтой Ирвæзынгæнæджы сæрмæ æмæ зарыдысты: «Осаннæ уæларвон Хуыцауæн, арфæгонд у Хицауы номæй чи æрцæуы, уый».

Уырнæг адæм ацы бон аргъуанмæ цæуынц хъæдуры къалиутимæ, кæцытæ уый фæстæ дарынц æнæхъæн афæдзы дæргъы.