Путины  пресс-нымæрдар-  Гуырдзыстон æмæ Украинаимæ бæрзонддæр æмвæзадыл  диалог  нæ  рæзы
Путины пресс-нымæрдар- Гуырдзыстон æмæ Украинаимæ бæрзонддæр æмвæзадыл диалог нæ рæзы

Уæрæсейы  президент, Владимир Путины  пресс-нымæрдары  Дмитрий Песковы  фидиуæнæй,  зæгъгæ  Гуырдзыстон æмæ Украинаимæ, диалог бæрзонддæр æмвæзадыл  нæ рæзы.  Ацы  фидиуæны Дмитрий Песков  «Россия-24»-имæ интервьюйы сарызта, кæцы рæстæджы  журналист Песковы, 9 майы парадмæ Гуырдзыстон æмæ Украинайы  президентты фæхоныны  гæнæндзинады тыххæй  фарста.

«Гуырдзыстон æмæ  Укринайы  президентты  тыххæй  куы  зæгъæм,  уæд   хъыгагæн, æнæкæсгæ   рад  контакттæм,  уæддæр нæу  нæ бон позитивон динамикæйæ    æмæ бæрзонддæр æмвæзадыл диалогæй раппæлын», –  райхъусын кодта Песков.

Афтæма  йæ ныхæстæм гæсгæ,  зæгъгæ» ацы  ахастыты рапарахаты динамикæ , баст у,  цæмæй  куыд æххæст кæнынц  паддзахадты  лидертæ сæ  дзырдлæвæрдтæ æмæ  сæхимæ цы хæстæ райстой  уыдон».

Песковы дзырдæй, зæгъгæ  Владимир Путин, кæддæриддæр раарфæ кæны  украинаг æмæ гуырдзиаг адæмæн   9 майы  уæлахизы бон.

«Адон сты  æфсымæрон,  хæстæг  адæмтæ, кæцытимæ нын историон уидæгтæ  ис. Ацы  адæмтæн президент  Путин  стыр цыт кæны», –  райхъусын кодта  Уæрæсейы  лидеры  пресс-нымæрдар.