Протестон акциты рæстæджы Гурам Рогава æмæ Звиад Майсашвилийы ныхмæ тыхмийы аххосджын барадхъахъæнджытæн тæрхондон ахæстоны фæбадыны тæрхон рахаста
Протестон акциты рæстæджы Гурам Рогава æмæ Звиад Майсашвилийы ныхмæ тыхмийы аххосджын барадхъахъæнджытæн тæрхондон ахæстоны фæбадыны тæрхон рахаста.
Хъуыдтагы прокурор, Гиоргий Надирадзе куыд банысан кодта афтæмæй, аххосджынтæ аххосджыныл банымадтой æмæ фæдагуырд даргъ кæны.
«Абоны тæрхондоны рабадтыл, фыдракæнды дыууæ эпизоды фæдыл, Гурам Рогава æмæ Звиад Майсашвилийы эпизодты аххосджынтæн превенцион мадзалы хуызы ахæстоны фæбадыны тæрхон рахастой. Уымæй хъуыддаг нæ фæвæййы, дыууæ цауы дæр стыр куыст æрцыд, æмæ растдæр уый фæстиуæгæн æрцыд уголовон æфхæрд, кæд æмæ фондз адæймаджы ныхмæ, уæддæр фæдагуырд нырма дæр цæуы ацы этапыл, æртæ аххосджын дæр сæхи аххосджыныл банымадтой ацы тæрхондоны рабадтыл» – расидтис Гиоргий Надирадзе.
Зианбаййафджытæй иу, Звиад Майсашвили расидтис, цæмæй аххосджынтæ уымæй хатыр ракуырдтой.
“Дыууæ дæр сæ аххосыл басастысты æмæ мæнæй дæр хатыр ракуырдтой. Ацы адæймæгты æрдæм æз никуы банкъардтон æнæуынондзинад æмæ маст. Уый, цæмæй уыдон хатыр ракуырдтой, у позитивон рæзт”, – банысан кодта Майсашвили.