Пропорцион æвзарæнон  системæмæ ахизыны конституцион ивдтыты кæсын, парламенты абон  адарддæр уыдзæн
Пропорцион æвзарæнон системæмæ ахизыны конституцион ивдтыты кæсын, парламенты абон адарддæр уыдзæн

Пропорцион  æвзарæнон  системæмæ ахизынмæ гæсгæ   парламентон   фылдæрты бакуыст  конституцион   ивдтыты   каст,   парламенты  сом  адарддæр уыдзæн.

Уый  фæдыл  парламенты  пленарон  рабадтыл   парламенты   сæрдар  Арчил Талакъвадзе райхъусын кодта.

Фылдæрты  инициативæимæ  нæ зразы  кæнынц  цалдæр мажоритар депутаты.

Парламент пропорцион   æвзарæнон системæмæ  ахизыны  фæдыл   конституцион  ивдтыты   кæсын  пленарон сессийыл   абон райдыдта.   Цæугæ сессион   къуырийы   боны фæткъы  дыууæ проект  уыд.   Иу  хицаугæнæг   балы,  иннæ та  оппозицийы  бакуыст. Оппозицийы  бакуыст  закъонопроектæй  хъуыдыйы дард уыд  æвзæрстыты   ауадзын   æртæпроцентон  барьеры   уавæрты,  афтæдæр  уæгъд  уыдис  æвзарæнон  блокътæй  баиу кæнын.   Фылдæрты æрцæттæгонд   ивдтытæ та,  2020  азы парламентон   æвзæрстыты  пропорцион системæйы  ауадзын дары  йæ хъуыдыйы.  Æвзæрстытæ   нулы йас,  а.х.  æрдзон  барьеры  уавæрты  ацæудзысты.

Пропорцион  æвзарæнон  системæмæ ахизынмæ  гæсгæ, оппозицийы  баукыст   конституцион   ивдтыты  проект   абон парламенты   халæппæрстыл  фæкъуыхцы ис.