Прокуррор – Бритайнаг фарсмæ нæ басидтыстæм, бритайнаг фарс бавдыста гуырдзиаг фарсмæ Хазарадзе-Джапаридзейы финансон активондзинады фæдыл информаци
Гуырдзыстоны генералон прокуратурæйы абон «ТВС Банкъы» бындурæвæрæгы Мамука Хазарадзейы æмæ Бадри Джапаридзейы арызт фидиуæнæн раттой дзуапп.
Прокуррор Гиорги Микава куыд райхъусын кодта афтæмæй, Гуырдзыстоны финансон мониторингы куыст никуы баздæхтис бритайнаг колллегæтæм – уый йеддæмæ бритайнаг фарс информаци бавдыста гуырдзиаг фарсмæ зылынмæ лæвæрдты финансон активондзинады фæдыл æмæ коммуникаци бритайнаг фарсы инициативæйæ сырæзт .
Цыдæриддæр та Мамука Хазарадзейы æмæ Бадри ДЖапаридзейы хыгъдтыл фыдгæнæгон фæндагæй райст мудлкъы эквиваленттыл хъодыæвæрдмæ æххæссы, генералон прокуратурæ цæттæдзинад æвдисы барадон процедурæты фæлгæтты, æркæса кæцыфæнды альтернативон амæлттæй спайда, цæмæй Хазарадзе æмæ Джапаридзе ма фæкъуылымпы уой æхсæнадон æмæ бихзнес куысты, сæ хыгъдтыл фыдгæнæгон мулкы эквиваленттыл хъодыæвæрды тыххæй.
Бадри Джапаридзе абон уагъд брифингыл райхъусын кодта, цæмæй зæгъгæ паддзахад , Британийы уæвæг сæ закъонон мулкы блокирдзинад архайы.
Гуырдзыстоны финансон мониторингы куыст, антитеррористон æмкуыстдзинады фæлгæтты, фыстæгæй басидтис Стыр Британимæ, цæмæй мæн , Бадри Джапаридзе æмæ Мамука Хазарадзе гуырысхогондтæ стæм æхцайы «сурсы» æмæ нæ мулкъ, кæцы гæнæн ис æмæ уа Британийы у криминалон фæндагæй уард – уый фæдыл «ТВС» банкъы бындурæвæрæг Бадри Джапаридзе Мамука Хазарадзеимæ иумæйаг брифингыл расидтис.