Прокуратурæйы æмæ АИШ-ы минæварады регионалон æдасдзинады службæйы иумæйаг операцийы фæстиуæгæн рабæрæг ис дыууæ организгонд фыдракæнды къорды
Прокуратурæйы æмæ АИШ-ы минæварады регионалон æдасдзинады службæйы иумæйаг операцийы фæстиуæгæн рабæрæг ис дыууæ организгонд фыдракæнды къорды

Гуырдзыстоны прокуратурæ æртæ адæймагы æрцахста æмæ æхсæз адæймагы ныхмæ уголовон хъуыддаг райдыдта къордæй развæлгъау бадзырдæй æмбæстæгтæм хауæг стыр суммæйы æхцайы фæрæзтæй, Гуырдзыстоны æмбæстагæн фæсарæйнаг бæстæйы æнæзакъонон уæвынæн æнцонвадат кæнын, Гуырдзыстоны æмбæстагæн мæнг информацийы бадæттыны æнцонвадат кæныны факттæм гæсгæ фæсарæйнаг бæстæйы æмбæхсæн бынат райсын, афтæ ма мæнг официалон документ саразын æмæ раттын.
Прокуратурæйы информацийæ, Гуырдзыстоны прокуратурæйы æмæ АИШ-ы минæварады регионалон æдасдзинады куысты иумæйаг операцийы фæстиуæгæн рабæрæг ис дыууæ организгонд криминалон къорд.
«Фæдагуырд сбæлвырд кодта, цæмæй АИШ-ы иммиграцион политикæйы фæкарздæр кæныны фæстиуæгæн, АИШ-ы арæны сæрты ахизын фæзындæр ис.Уый тыххæй цыппар Гуырдзыстоны æмбæстаг сарæзтой организгонд криминалон къорд.Развæлгъау арæзт пъланмæ гæсгæ, уыдон агурдзысты Гуырдзыстоны æмбæстæгты, кæцытæ æмбæхсæн агурынц Америкæйы æмæ сын ныфс бавæрдзысты æнæмæнгхъæугæ историон хъуыдтагæн æмбæхсæн бынат, æмбырд кæнын бæлвырдгæнæнтæ æмæ тæрхондоны æххуыс.
Организацигонд фыдгæнджыты къорды уæнгтæ афтæхуыйнæг хъуыддæгты гæххæттыты ныффыстой æнæуæвæг хабæрттæ, куыд æфхæрдтой Гуырдзыстоны территорийыл Гуырдзыстоны æмбæстæгты æндæр æмæ æндæр аххосæгтæм гæсгæ, се æхсæн политикон цæстæнгас кæнæ сексуалон ориентацимæ гæсгæ.
Гуырдзыстоны прокуратурæ æмæ АИШ-ы минæварад Регионалон æдасдзинады куысты ауагъд иумæйаг операцийы фæлгæтты ма рабæрæг ис æндæр организгонд фыдракæнды къорд, кæцы æххуыс кодта æмбæстæгтæн америкаг визæтæ райсынæн мæнг документтæй. Организацигонд фыдракæнды къорды уæнгтæ æндæр æмæ æндæр социалон медийы платформæтыл публикаци кодтой рекламæтæ, кæцыты æххуыс лæвæрдтой АИШ-мæ ацæуыны фæндон адæймæгтæн визæтæ райсынæн. Фыдгæнæг къорды уæнгтæ æмбæстæгтæн загътой, цæмæй курдиат баххæст кæнынæн цы суммæ хъæуы, уымæй уæлдай, визæ райсыны размæ æхца бафидын нæ бахъæудзæн. Визæ райсыны цауы сæ бахъæудзæн бафидын 10 000-æй 15 000 АИШ доллары онг.
Къорды уæнгтæ Гуырдзыстоны 65 æмбæстагæн бацæттæ кодтой æмæ радтой мæнг официалон гæххæттытæ, цæмæй сæ бавдисой АИШ-ы минæварадмæ, кæцыты фæрцы æмбæстæгтæй иуæй-иутæн сæ бон уыд визæтæ райсын. Визæтæ райсыны фæстæ, организацигонд фыдракæнды къорды уæнгтæн радтой 112 000 АИШ доллары.
Фæзынд дызæрдыгдзинæдты фæстæ Ууыл бындурæвæрдæй, минæварад сбæлвырд кодта иуæй-иу документтæ, æмæ рабæрæг ис фыдгæнæг къорды фальсификаци, цæй тыххæй дæр фыдгæнæг къорды уæнгтæ цы æмбæстæгтæн баххуыс кодтой, уыдонæн сеппæтæн дæр визæтæ ист æрцыдысты. Уæлдæр ранымадмæ æнæкæсгæйæ, 2025 азы январæй 2026 азы февралы онг, организацигонд фыдгæнæг къорды уæнгтæ, мæнг документтæй пайдагæнгæйæ, финансон æххуысы хуызы æмбæстæгтæй райстой 142 786,43 АИШ доллары, 15 095 ларийы æмæ 1 560 евройы.
Гуырдзыстоны прокуратурæ Тбилисы горæтон тæрхондонмæ куырдиатимæ баххæсдзæн, закъонæй снысангонд æмгъуыдмæ алы 9 аххосджыны ныхмæ профилактикон мадзал снысан кæныны тыххæй.
Уголовон хъуыдтагы фæдыл фæдагуырд даргъ кæны куыд уæлдæр банысангонд фактты, афтæ дæр уый тыххæй, цæмæй рабæрæг уа æмæ сбæлвырд уа æндæр эпизодты баст адæймæгтæ», -ис фыст информацийы прокуратурæйы.