Прокуратурæ – Марнеулийы инцидентыл фæдагуырд райдыдта «Националон змæлды» уæнг Азер Сулеймановы ныхмæ, ахст сты Марнеулы мэр Темур Абазов
Прокуратурæ – Марнеулийы инцидентыл фæдагуырд райдыдта «Националон змæлды» уæнг Азер Сулеймановы ныхмæ, ахст сты Марнеулы мэр Темур Абазов
Прокуратурæ æмæ мидхъуыдтæгты министрады кусджытæ, горæт Марнеулы цæрæг Елчин Алахвердиевы æрдæм реализгонд æгад æмæ æнæадæймагон архайдтыты фактыл, уыдысты аахст Марнеулы мэр Темур Абазов – уый фæдыл Руставы прокуратурайы арæзт брифингыл Гуырдызстоны сæйраг прокуратурайы фæдагуырдон хайы сæрдары хæдивæг Джарджи Циклаури расидтис.
Социалон хызагы ахæлиу ис видео, кæцыйы мидæг Марнеулы цæрæг уæнг, дзыллæйы раз, тынг æгадгæнæг хатыр куры «Гуырдзиаг Бæллиццы» сæрдар Бидзина Иванишвили æмæ Марнеулы мэры Темур Абазовы ралгъитыны тыххæй. Фæнысангондмæ гæсгæ, Марнеулы иуæй-иу радио æмæ студий «Монитор» репортаж æрцæттæ кодтой Репортажы мидæг дзырдæуы, цææмæй гоймаг, кæцы æнхъæлцау у æгадгæнæг ахасты амæттаг, цалдæр боны размæ, Тбилисы, Руставелийы проспектыл, акцийыл фыст видеойы, «Гуырдзиаг Бæллиццы» минæвæртты дзырдæй æфхæрдта, фæстæдæр та социалон хызагы ахæлиу ис видео, кæцыйы мидæг уый тынг æгадгæнæг уавæрты куырдта хатыр.
Марнеулы æдкъорд сæххæст æнæадæймагон æмæ æгадгæнæг ахасты фактыл, прокуратурæ райдыдта фæдагуырд. Ахст у Марнеулы мэр Темур Абазов æмæ дзуаппмæ лæвæрд æрцыдысты æртæ уæнгы, сæ нымæцы сакребулойы уæнгтæ.