Прокуратурæ, Чъавчъавадзейы проспектыл лæгмарды фæдыл ахстгонд гоймагы аххосджын кæны, кæцыйы тæрхон 16 азæй 20 азы онг кæнæ та цæрæнбонтæм ахæстоны фæбадын хæссы
Гуырдзыстоны прокуратурæ Тбилисы ахст Удзилаури Гелайы уæззаугæнæг уавæрты æнæзакъонæй лæгмарды æмæ æнæзакононæй зынгæ хæцæнгарзы райсты, æвæрды æмæ хæссыны аххосджын кæны. Хъуыдтаг 14-æм марты Чъавчъавадзейы проспектыл æрцæугæ лæгмарды фæдыл у.
«Мидхъуыддæгты министрады ауагъд фæдагуырд сбæлвырд кодта, цæмæй 2025 азы 14-æм марты, 23:30 сахатыл, Тбилисы Илья Чъавчъавадзейы проспектыл бирæ адæм кæм уыд, ахæм бынатыл цалдæр хатт æхста Л. Дж. æмæ Г. Ч. . Дж. амард бынатыл, æмæ Г. Ч. æхсты цæфтимæ аластой рынчындонмæ.
Фыдракæнд саразыны фæстæ азымгонд алыгъд бынатæй. Барадхъахъхъæнджытæ аххосджыны æрцахстой 17-æм марты. Уый аххосджынгонд æрцыд Гуырдзыстоны уголовон кодексы 19.109 статьяйы дæлпункт «б» æмæ «л» (дыууæ адæймаджы ныхмæ æнæбары лæгмарды фæлварæн, кæцы æндæрты цард æмæ æнæниздзинадæн тæссаг у) æмæ 236 статьяйы æртыккаг æмæ цыппæрæм хайы (æнæзакъонæй æхсæнгарз райсын, æвæрын æмæ хæссын), кæцы æххæст кæны цæрæнбонты ахæстоны фæбадын .