Прокуратурæ - 51-аг æхсæнадон скъолайы цур æрцæугæ инциденты хайадисæг А.С.-йы ныйарæг æцæгдæр кусы прокуратурæйы фæлæ йын фæдæвзарæнимæ ницы бастдзинад ис
Сæйраг прокуратурæйы информацийæ, 51-аг æхсæнадон скъолайы цур æрцæугæ фыдракæндмæ гæсгæ зылынмæ лæвæрд æнахъомты Г.Дж. æмæ Г.Б.йы хæстæджытæ, кæнæ бинонтææй прокуратурæйы ничи кусы.
Уый фæдыл дзырдæуы прокуратурæйы фидиуæны, кæццымæ гæсгæ дæр, æрцæугæ фыдракæнды тыххæй, тугтæрхоны барад дзуаппмæ лæвæрд æрцыд дыууæ уæнг.
«Бæрзонд æхсæнадон интересы зæрдыл даргæйæ нæ фæнды дзуапп раттæм,ь социалон хызагы фæрцы хицæн уæнгты ахæлиугонд информацийæ уый фæдыл,цæвиттон гæнæн марæг иуæй-иу æнахъомы ныйарæг прокуратурæйы кусæг у æмæ уымæй къуылымпы кæны фæдæвзарæн.
Фыццаджы дæр, хаххгондæй хъуамæ банысан уа уыцы факт, цæмæй фæнысангонд хъуыддагыл æнахъом зылынмæ лæвæрдты Г.Дж. æмæ Г.Б-йы иунæг хæстæг кæнæ бинонты уæнг дæр не сты прокуратурæйы кусджытæ. Фæнысангонд гæдыныхасы ахæлиуæй бæрæг къорд интересджын у дзыллæйы рæдыдмæ бафтауынæй æмæ архайы прокуратурæйы æмæ цæугæ фæдæвзарæны процессы дискредитаци скæнын. Хъуамæ фæнысан уа, цæмæй инциденты хайадисæг А.С.-йы ныйарæг æцæгдæр кусы прокуратурæйы, фæлæ 2014-æм азы фæстæ уый кусы адæймагон ресурсыты фæткъдаруаты æмæ тынгады департаменты æмæ йын куыстбынатæй рацæуæгæйæ, нæдæр фæнысангонд фæдæвзарæнмæ æмæ нæдæр кæцыфæнды æндæр фæдæвзарæнмæ бацæуæн нæй.
Афтæдæр хъуамæ фæнысан уа уый цæмæй, фыдгæнæг уæнгы прокуратурæйы кусæгимæ цыфæнды хæстæгон бастдзинады, никæцы хъуыддагмæ нæ бандавдзæн цæугæ фæдæвзарæнмæ æмæ ахм прецендт æппындæр нæй.
Афтæдæр тугтæрхоны барады закъондæтынады æмæ прокуратурæйы мидæгон нормативон актытæм æмбæлгæйæ, цыфæнды прокуррор, кæцыйы æрдæм гæнæн ис фæзына зæгъæм фарстытæ уæддæр, бæрæг хисæрмагонд мотивты зæрдылдаргæйæ хъуыддагыл гæнæн æндæвдады архайды фæдыл, æнæаргъæвгæйæ фæхицæн уыдзæн тугтæрхоны барады хъуыддгæй.
Уымæн цæмæй инциденты хайадисæг алы уæнг дæр æнахъомтæ сты, афтæдæр уæлдæрбанысангонд уæнгты персоналон бæрæггæнæнты бахъахъхъæды хæсисты зæрдыл даргæйæ, Гуырдзыстоны прокуратурæ зкъонæй арæнвæрд у, фæнысангонд уæнгты индентификацигæнæг бæрæггæнæнты ахæлиу кæнынæй. Фæнысангонд хъуыддагыл максималонæй эффективонæй æмæ цыбыр рæстæгмæ уагъд æрцæудзæн алы хъæугæ фæдаæвзарæн æмæ процессон мадзал, æххæстаргъджын фæдæвзарæн срæвдз кæнынæн, кæцыйы фæстиуджыты фæдыл, дзыллæмæ лæвæрд цæудзæн деталон информаци» – дзырдæуы прокуратурæйы фидиуæны.