Проект «Телескъолайы» этникон къаддæрдæртæн нырмæ уæвæг уроктæм ма æндæр предметтæ дæр бафтыдтой
«Телескъолайы» проекты этникон къаддæрдæртæн нырид уæвæг уроктæм ма бамхас сты æндæр предметтæ дæр.
Ахуырады министрады информацийæ, Гуырдзыстоны ахуырады, зонæдты, культурæ æмæ спорты министрады æмæ Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы проект «Телескъола» 30 марты райдыдта æмæ æнтыстджынæй дарддæр кæны.
«13 апрелæй этникон къаддæрдæртæн сомихаг æмæ азербайджайнаг æвзæгтыл математикæйы, æрдззонынады, биологийы, афтæма сомихаг æмæ азербайджайнаг, куыд мадæлон æвзæгты, теле-урокътæ райдайдзæн. Телеуынынадон уроктæ уыдзæн алы кълассы скъоладзауæн. Афтæма нысаниуæгджын у, цæмæй абитуриенттæн иумæйаг фæлтæрдты теле-уроктæ дæр ацæудзæн», – банысангонд у министрады ахæлиугонд информацийы.
«Телескъола» Æхсæнадон Уацхæссæджы «Фыццаг Канал – Ахуырад»(Раздæры Дыккаг Канал) эфирæй лæвæрд цæуы ахуыргæнинæгтæн.
Ахуырады министрады банысан кодтой, цæмæй этникон къаддæрдæртæн телеуынынадæй урокты алæвæрд, Гуырдзыстоны ахуырады, зонæдты, культурæйы æмæ спорты министрад, Гуырдзыстоны Фыццаг Канал æмæ Тбилисы паддзахадон университеты медийы æмæ телеаивады колледж иуæймагæй сæххæст кодтой.
Афтæма банысан кæнын хъæуы, цæмæй экономикон рæзынады æмæ æмкуысткæнынады æхсæнадæмон организаци (The Organisation for Economic Co-operation and Development – OECD) COVID-19-ы 2020 азы пандемийæ, ахуырады сферæйы цы быцæусидтытæ сæвзæрдысты, уыдоныл фæтыхуыны нысанæн публикацигонд хыгъдлæвæрды Гуырдзыстоны хицауадæй, ахуырад райсыны æнæаскъуынгæ процесс ифтонгадæн арызт къахдзæфтæ æмæ сæ нымæцы проект «Телескъола» иуæй-иу сегасæй хуыздæр дæнцæн у нымад.