Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады тыхты Гиорги Анцухелидзейы сержантты академи æмæ инæлар Бесик Кутателадзейы хæххон ахуырадон ахуыргæнæндоны «Æфсады лагерь 2025»-ы ахуыртæ официалонæй фæцис.
Ахуыргæнинæгтæ æмæ инструктор-сержанттæм хихъахъæнады министры хæдивæг Григол Гиоргадзе фæныхас кодта. Уый æрдзырдта ахæм проектты ахсджиагдзинадыл фæсивæдæн æмæ бузныджы ныхæстæ загъта æфсæддон инструктортæн лагерь æнтыстджынæй кæй æххæстгонд цæуы, уый тыххæй.
Æрæмбырдуæвджыты раз ма раныхас кодта ахуырады, зонады æмæ фæсивæды министры фыццаг хæдивæг Леван Григиашвили.
Зæрдылдарæн фæйнæгтæ лæвæрд æрцыдысты ахуырады, зонады æмæ фæсивæды министрады, Патриархаты, Гуырдзыстоны адæмон сæрибаргæнæг æфсады фæсивæдон агентады æмæ Гуырдзыстоны хæцæнгарзы музейы минæвæрттæн сæ сæрмагонд хайбавæрды тыххæй проекты реализацимæ, афтæ дæр проекты баст хъахъхъæнынады тыхты æндæр æмæ æндæр дæлхайæдты командæгæнджытæн.
Ацы аз «Æфсады лагерь» Коджоры æмæ Сачхерейы аст партийæ уагъд æрцыд.
Лагеры суазæг кодтой 9, 10 æмæ 11 кълæстæй 1700 ахуырдзауы бæрц.