Процедурон фарстатæ комитет Зураб Джапаридзейæн депутатон æххæстбартæ æмгъуыдагъоммæ аскуыныныл абон фæуынаффæ кæндзæн
Зураб Джапаридзейæн Гуырдзыстоны парламенты уæнгы æххæстбартæ æмгъуыдагъоммæ фæурæды фæдыл абон фæуынаффæ кæндзæн процедурон фарстæты комитет.
Зураб Джапаридзе куыд хъусын кæны, афтæмæй, мандат ныууадзыны фæдыл уый йæхæдæг бавдыста куырдиат закондæттæг оргæнмæ, уый æфсонæн та 19 апрелы бадзырдæй «Гуырдзиаг Бæллиццы» рацыд æрхаста. Джапаридзейы дзырдæй, зæгъгæ «Гуырдзиаг Бæллицц» Шарль Мишелы документы иунæг пункт дæр нæ сыххæст кодта.
«Гуырдзиаг Бæллицц куы рацыд æмæ райхъусын кодта, цæмæй 19 апрелы бадзырдæй хизынц, уæд ацы бадзырды оппозицимæ уыдис иу хæсист, цæмæй сыххæст кодтаиккой уыцы фондз пункты æмæ ацы цауы мах бацыдаиккам парламентмæ. Уыдон алы фондз пункты дæр фехæлдтой. Уымæ гæсгæйæ, ницы хæсист, ома æз сыххæст кодтаин ацы хай, нал уыдис. Рацыдтæн æмæ загътон, цæмæй мæ мандат уадзын», – райхъусын кодта Зураб Джапаридзе.
Регламентмæ гæсгæйæ, процедурон фарстæты комитеты барадон хатдзæг, æрвыст уыдзæн бюромæ, стæй та фæнысангонд фарста пленарон рабадтмæ рахæсдзысты.