Процедурон фарстæты комитет Ника Мелиайæн депутаты æххæстбарты фæурæды фарстайыл абон тæрхон кæндзæн
«Националон Змæлды» сæрдар Никанор Мелиайæн парламенты уæнгы æххæстбартæ æмгъуыдагъоммæ аскуыды фасрта, процедурон фарстæты æмæ уагæвæрдты комитет абон æркæсдзæн.
Ника Мелиа парламентон мандат суæгъд кæныны куырдиатæй парламентмæ 29 июлы баздæхт.
Ника Мелиа куыд банысан кодта афтæмæй, зæгъгæ иу кæны октябры референдумы тохмæ æмæ уадзы парламент.
«Референдумы уæлахиздзинады фæстæ та ацы парламент ныппырх уыдзæн æмæ уыдзæн гуырдзиаг адæмы æвзæрст ног легитимон парламент. Æз, Ника Мелиа, уадзын парламент, парламентон мандат, фæлæ мæ принципон куырдиатæй, балы мидæг ныхмæ позицимæ нæкæсгæйæ, техниконæй æмæ формалонæй нæ хæлæрттæ ацы этапыл парламенты баззайдзысты», – райхъусын кодта Ника Мелиа.