Процедурон фарстæты, фæткæвæрды æмæ юридикон фарстæты комиеттæ сразы сты Ника Мелиайы фæдыл прокуратурæйы куырдиатимæ
«Националон Змæлды» сæрдар Ника Мелиайы фæдыл прокуратурæйы куырдиатимæ, процедурон фарстæты, фæткæвæрды æмæ юридион фарстæты комитеттæ сразы сты. Комитетты уынаффæйы ныхмæ рацыдысты оппозицийы минæвæрттæ.
Генералон прокуратурæ Ника Мелиайæн æфхæрды мадзалæй ахстæй спайда кæныны фæдыл курдиатæй баздæхтис парламентмæ.
Къордон тыхмидзинадæн разамынды æмæ уым хайад райсыны тыххæй «тугтæрхоны барадмæ гæсгæ дзуаппæ лæвæрд Ника Мелиайæн Тбилисы горæты тæрхондон 2019 азы 27 июны æфхæрды хуызæй стæрхон кодта 30 000 ларийы бæрц ивар бафидын æмæ ма уæлæмхасæй арæнгæнæг мадзæлттæ, сæ нымæцы бафтыдтой йыл электронон мониторинггæнæг цонгдарæн.
Фæлæ 2020 азы фыццаг ноябры, æхсæнадон æмбырды ран, æхсæнадон фидиуæнтæ аразыны рæстæджы Ника Мелиа электронон мониторингæ хъæугæ цонгдарæн рафтда.
Уый фæстæ проукратурæ æфсхæрды мадзал фæкарз кæнын æркуырдта. Тæрхондоны 2020 азы 3 ноябры уынаффæйæ, Ника Мелиайæн æфхæрды мадзалæй тæрхонгонд цъындыйы суммæ 40 000 ларийæ сырæзт. Бафидынæн Мелиайæн раттой 50 бонон æмгъуыд.
Цъындыйы аууæлтты нæсыххæсты фæстиуджыты фæдыл, рагфæдзæхсты нысанæн Ника Мелиамæ 2021 азы 5 февралы фæсидтысты генералон прокуратурæмæ, фæлæ уый нæ бацыдис.
Уыцы бон прокуратурæ Ника Мелиайæн цъындыйы домæнтæ сыххæст кæнынæн, уæлæмхасæй иу къуырион æмгъуыд ратта. Уагдоны хъусинагæй нæбафысты цауы, прокуратурæ тæрхондонмæ йæ æрцахсыны тыххæй куырдиат бавдисдзæн. Мелиайæн, цъындыйы баззайгæ суммæ бафидынæн æмгъуыд аивгъуыдис 12 февралы.
Генералон прокуратурæ Ника Мелиайæн æфхæрды мадзалæй ахсты снысан кæныны фæдыл парламентмæ раст уыцы бон баздæхтис. «Иугонд Националон Змæлды» сæрдар Ника Мелиа банысан кодта, цæмæй цъынды бафидын нæ хъавы.