«Приватбанкы» хъуыддаджы тæрхонгæнджытæ Петро Порошенкойы зылынджын кæнынц хъомыс дарыны
«Приватбанкы» хъуыддаджы тæрхонгæнджытæ, Петро Порошенкойы зылынджын кæнынц хъомысдарынады. Æмбæлон фидиуæн Киевы бæстæйон тæрхондоны тæрхонгæнджыты коллегий ахæлиу кодта.
Сæ ныхæстæм гæсгæ, бæстæйы хицауад тæрхонгæнджытæм хъомыс дары æмæ тæрхонон процессы йæхи тъыссы.
Тæрхонгæнджытæ æрсидтысты Украинæйы сæйраг прокуратурæмæ, Юстицийы Бæрзонддæр советмæ æмæ фæдæвзарæг куыстмæ, райдайа тæрхонагъоммæ фæдæвзарæн æмæ дзуаппмæ лæвæрд æрцæуæт Петро Порошенко, Юстицийы министр æмæ Националон Банкы къухдариуæггæнæг.
Тæрхонгæнджыты фидиуæны дзырдæуы, цæмæй «Приватбанкы» национализацийы хъуыддагыл тæрхондоны рахæсгæ тæрхоныскъуыды фæстæ, бæрзонд гæсты æрдгæй арызт фидиуæнтæ сты æргом æртъхъирæн æмæ йæ бын къахынц Украинæйы тæрхонон хицауады хæдбардзинадæн.
18 апрелы Киевы тæрхондон, Украинаг Миллиардеры Игорь Коломойскийы хъастимæ сразы ис æмæ «Приватбанкы» национализаци æнæзакононыл банымадта. Уый фæстæ Украинæйы президент Петро Порошенко æрхуыдта æдасдзинады советы рабадт æмæ сæ Украинæйы Сæйраг прокуратурæйæ, Киевы бæстæйон тæрхондоны тæрхонгæнджыты тугтæрхоны барадмæ гæсгæ дзуаппмæ раттыны фарста æркæсын æрдомтта.