Гуырдзыстоны президент Гиорги Маргвелашвили парламентон нымæрдар уыдзæн Анна Нацвлишвили. Уый фæдыл Гуырдзыстоны президент Гиорги Маргвелашвили райхъусын кодта.
Анна Нацвлишвили ацы постыл фæивдта Анна Долидзейы, кæцыйы президент юстицийы уæлдæр советы æнæтæрхонгæнæг уæнгæй снысан кодта.
Анна Нацвлишвили «Гуырдзыстоны æрыгон юристты ассоциацийы» къухдариуæггæнæг уыд, кæцы постмæ йæ 2014 азы свзæрстой.
Анна Нацвлишвили 2011-2012 азты ахуыр кодта Эссексы университеты ( Стыр Быритани» лæвæрд йæм æрцыд магистры академионгъæд адæймаджы барты æмæ æхсæнадæмон гуманитарон барады (LLM with Distinction); 2006-2007 азты ахуыр кодта Централон европæйы университеты (Венгрий), æлвæрд йæм æрцыд магистры академион гъæд адæймаджы барты барады.