Президенты  инициативæйæ  Дата Ванишвили фæсмæрдон схорзæхджын уыдзæн  «Æмбæстагон сæруæлдайдзинады» майданæй
Президенты инициативæйæ Дата Ванишвили фæсмæрдон схорзæхджын уыдзæн «Æмбæстагон сæруæлдайдзинады» майданæй

Дата Ванишвилийы   схорзæхджын кæныны фарст  йæ  мæлæты  моментæй  цыдис  каст,  президент иницииативæйæ, Ванишвили схорзæхджын уыдзæн  «æмбæстагон  сæруæлдайдзинады» майданæй, –  уый фæдыл    информаци хъусын кæны  Орбелианиты галуаны   коммуникацийы   пресс-куыст    змæлд «Адæмæны»   лидер  Ана Долидзейы  видео-сидты  дзуаппæн,  кæцыйы мидæг Ана Долидзе   президентмæ  æрсидтис  Дата Ванишвилийæн «Æмбæстагон Сæруæлдайдзинады»   орденæй схорзæхджын кæнынмæ.

«Дата Ванишвилийы  схорзæхджын кæныны фарст  йæ  мæлæты  моментæй  цыдис  каст,  президент иницииативæйæ, Ванишвили схорзæхджын уыдзæн  «æмбæстагон  сæруæлдайдзинады» майданæй.  Хорзæхджын кæныны  церемони, 9 апрелы, Орбелианиты   галуаны  ацæудзæн», – банысангонд у    Орбелианиты  галуаны   пресскуысты   информацийы.

Дата Ванишвили йæ цардæй ахицæн ис  88 аздзыд  кары, 19 марты.  Ванишвилийы оккупацигонд территорийыл хъæуы уæлмæрдыл  абон бавæрдтой.

Дата Ванишвилийы  цæрæн хæдзары  цур оккупацион   режимы  минæвæпрттæ, телтæй æмбондтæ  2011 азы  айтыгъдтой, цæй тыххæй  дæр  йæ  хæдзар фæцис  оккупацион хаххы иннæ фарс.  Йæ  бинойнагимæ иумæ, сæ хæдзар нæ ууагъдтой.   Афтæдæр  не сразы ис  Хуссар Ирыстоны а.х.  æмбæстагад  райсын.