Президенты импичменты фарстайы кæсын   парламенты 18 октябры  ацæудзæн
Президенты импичменты фарстайы кæсын парламенты 18 октябры ацæудзæн

Президенты импичменты  фарста кæсын  парламенты сом 18 октябры ацæудзæн. Фарста кæсын  12:00 сахатыл райдайдзæн.

Гуырдзыстоны парламенты сæрдар  Шалва Папуашвили  куыд райхъусын кодта афтæмæй,  уыдис йын коммуникаци президенты администрациимæ, цы ран сбæлвырд кодтой, цæмæй рабадтмæ  Саломэ Зурабишвили  бацæудзæн.

«Регламентмæ гæсгæйæ, парламент уагæвæрдæй хъуамæ сфидар кæна  импичменты  фарстайы кæсыны график  æмæ  хъæлæскæныны график.  Æнхъарæм уын  уагæвæрды проект, кæцымæ гæсгæ  дæр парламент сбæрæг кæндзæн, цæмæй  Гуырдзыстоны парламент Гуырдзыстоны президент Саломэ  Зурабишвилийы импичменты уагæй йæ  бынатæй сисыны  фарста Гуырдзыстоны конституцион тæрхондоны бавдыст Гуырдзыстоны  президенты æрдгæй  конституци залыны  фæдыл уынаффæйы бындурыл æркæса æмæ фæнысангонд фарстайыл хъæлæскæнын  2023  азы фæззыгон сессийы 17-20  октябры радон  пленарон   рабадты къуырийы. Ацы уагæвæрд  йæ тыхмæ бацæуæд  уайтагъд йæ райсты фæстæ.  Афтæма хъусын уын кæнæм, коммуникаци  мын уыд президент администрациимæ. Президент нын сбæлвырд кодта йæ  хайад.  Афтæмæй сом 12:00 сахатыл райдайдзыстæм  фарста кæсын импичменты тыххæй», – райхъусын кодта Шалва Папуашвили.

«Гуырдзыстоны парламенты уагæвæрды проекты Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвилийы импичменты уагæй йæ постæй  сисыны фарста кæсыны æмæ  хъæлæскныны æмгъуыд сбæрæг кæныны фæдыл», – сразы ис 88 депутат, йæ ныхмæ схъæлæс кодтой  парламенты  аст уæнг.

Президенты импичменты тыххæй барадон хай фæцис, знон конституцион тæрхондон куы райхъусын кодта уынаффæ, ома  президент Гуырдзыстоны Конституци  фехæлдта. Уый фæстæ,  процесс ахызт закъондæттæг оргæнмæ.  Президентæн  импичмент расидынæн   парламенты 100 уæнгы хъæлæс хъæуы.