Президенты администрацийы хъусинагæй, Саломэ Зурабишвили Мюнхены æдасдзинады конференцийы хайад райсынмæ Германимæ абалц кодта
Президенты администрацийы информацийæ, Гуырдзыстоны президент Германийы Федерацион Республикæмæ араст ис, цы ран хайад райсдзæн Мюнхены æдасдзинады конференцийы.
Афтæма сæ хъусинагæй, 16-18 февралы Гуырдзыстоны президент Мюнхены конференцийыл Дуне лидертимæ, паддзахадты ссæрдæрттимæ æмæ æхсæнадæмон организациты акæнæг минæвæрттимæ иумæ хайад райсдзн æхсæнадæмон æдасдзинады фарстатыл дискусситы.
«Мюнхены æдасдзинады конференцийыл, кæцы дунейы акæнæг форум у æхсæнадæмон æдасдзинады темæтыл ныхас кæнынæн, Гуырдзыстоны президент дзырдæй ралæудзæн панелыл «Арфдæр, уæрæхдæр æмæ амалхъом флагы цæттæдзинад сифтонг кæнын (Better Safe Than Sorry: Securing NATO’S Easters Flank Readiness)», – банысангонд у президенты администрацийы ахæлиугонд информацийы.