Президенты администраци – Саломэ Зурабишвили кæстæр сержант Александре Онианийы схорзæхджын кодта националон хъайтары орденæй, тобæты аивдæй уайтагъд уагъд æрцæудзæн хорзæхджынкæныны церемони
Гуырдзыстоны президенты уынаффæйæ, бæрзонддæр паддзахадон хорзæх, Гуырдзыстоны националон хъайтары орден лæвæрд уыд кæстæр сержант Александре Онианимæ, фæлæ уæвæг тобæты тыххæй, хорзæхджын кæныны церемони абон нал ацæудзæн, националон хъайтары ном цы масштабæй домы афтæ, – уый фæдыл дзырдæуы Гуырдзыстоны президенты администрацийы ахæлиугонд фидиуæны мидæг.
Администрацийы хъусинагæй, тобæты аивдæй уайтагъд сплан уыдзæн хорзæхджын кæныны церемони.
«13 азы рацыд Шиндисы хæстæй. Абон Гуырдзыстоны, фыдыбæстæйы сæрибардзинады, хæдбарад æмæ территорион æнæхъæндзинадæн тохы сæхи кæцы 17 хъайтары снывонд кодтой уыдонæн сæ ном ссардзысты.
2008 азы 11 августы хъæу Шиндисы, знагимæ æнæмбæрц тыхтæй хæцæг æвддæс гуырдзиаг æфсæддон сæхи снывонд кодтой сæ бæстæйæн.
Шиндисы хъайтарты сæруæлдайдзинад у Гуырдзыстоны историйы хъалгæнæн сыф, кæцы фидæнмæ ныфсы цæстæй касты фадат дæтты.
Æфсæддæттæн фыдыбæстæйы сæрибардзинад æмæ зæхх сæрмагонд цардæй зынаргъдæр куы у, уæд ахæм бæстæйæн хъынцъым æмæ ныфссасты аххос нæй.
Растдæр ацы бон, Гуырдзыстоны президенты уынаффæйæ, бæрзонддæр паддзахадон хорзæх, Гуырдзыстоны Националон Хъайтары орден лæвæрд æрцыд кæстæр сержант Александре Онианимæ, кæцы кæронмæ сæруæлдай тох кодта æмæ удæгасæй йæхи нæ радта знагæн.
Уæвæг тобæты тыххæй, хорзæхджын кæныны мадзал абон ауадзæн нæй уыцы масштабæй, кæцыйы аккаг у националон хъайтары ном. Куыддæр тобæтæ аивдзысты, афтæмæй уайтагъд сплан уыдзæн хорзæхы алæвæрды церемони», – банысангонд у президенты администрацийы фидиуæны.