Президенты администраци – ног агентты фæдыл зилынæн Гуырдзыстоны президент йæ фарс нæ рахæцдзæн
Скуыста тых, кæцы, Гуырдзыстоны Европаг фæндаг стынг кæныны бæсты, гуырдзиаг интерестыл нымайы æндæр фæндаг, – уый фæдыл Гуырдзыстоны президенты администрацийы фидиуæны дзырдæуы.
«Еврокомиссийы 12 рекомендацийы сыххæсты фыццагон аргълæвæрд куы цæуы, 24 февралы æрбаввахс ассоциацигонд триойы æртæдæр бæстæйæн актуалондæр куы кæны европаг фидæны фарста, растдæр ацы рæстæг сывзæрсты иуæй-иу политикон къорд, цææмй скæна закъоны иницирдзинад, кæцы йæ мидисæй Европæмæ нæ фæлæ нæ Уæрæсеимæ хæстæг кæны.
Ацы хъуыддаг цæуы, бæстæмæ америкаг сенаторты делегаци куы æрцыд, йеуæд! Ай æппæт æнæнхъæлгæдзинадæй схонын гæнæн нæй. Скуыста тых, кæцы, Гуырдзыстоны европаг фæндаг стынг кæныны бæсты, гуырдзиаг инетересæй æндæр фæндаг нымайы.
Ахæм закъондæттынадæн æмæ ма ног агентты сурынæн Гуырдзыстоны президент йæ фарс нæ рахæцдзæн», – дзырдæуы президенты администрацийы фидиуæны.