Президенты администраци - Информаци цæвиттон Саломэ Зурабишвили, йæ хъахъхъæнджытæй æрдомтта цухъхъа дарын - мæнг у
Президенты администраци нæ кæны информациимæ, цæвиттон Саломэ Зурабишвили, йæ хъахъхъæнджытæй æрдомтта цухъхъа дарын.
Администрацийы куыд хъусын кæнынц, уымæ гæсгæйæ, фæнысангонд информацийы ахæлиу кæнынæн йæ нысан у дзыллæйы рæдыды бафтауын æмæ президенты институты дискредитаци скæнын.
«Иуæй-иу телеуынынад ахæлиу кодта мæнг информаци, Гуырдзыстоны президенты тыххæй, цæмæй æхсæнад рæдыды бафтауа æмæ президенты институты дискредитаци скæна.
Бæрæг куыд у афтæмæй, фейк-ньюсы автортæ нæ зонынц, цæмæй хъауджы сты æрмагонд хъахъхъæдады куыст æмæ цытжын хъарагъул.
Церемониты рæстæджы цухъхъа дарын у гуырдзиаг традицитæн кад, ацы мæнг информаци президенты дискредитацийæ уæлдай ма, афтæдæр æфхæры национ хæзнатæ æмæ гуырдзиаг традицитæ», – хъусын кæнынц президенты администрацийы.