Гуырдзыстоны президент аст тæрхонмæ лæвæрдæн ныххатыр кодта, – уый фæдыл информаци хъусын кæны Гуырдызстоны президенты администраци.
Афтæма сæ информацийæ, кæмæн ныххатыр кодтой, уыдонæй æхсæз ахæст æнæхъæнæй ссæрибар сты пенитенцион уагдоны сæрибардзинад сæмбонд кæныны хуызæй нысангонд æфхæрды дарддæр арвитынæй æмæ пенитенцион уагдон тæккæ абон ныууадздзысты.
Ноджы дыууæ ахæсты та, сæ пенитенцион уагдонмæ арвитынæн баззайгæ æфхæрды æмгъуыд фæкъаддæр ис. Президенты администрацийы хъусинагæй, сæ нымæцы ис сылгоймаг дæр.