Прессæйы СæрибардзинадыДунеон бонмæ гæсгæ, Фыццаг Каналы менеджмент æхсæнадæмон æмæ æнæхицауадон организацитимæ фембæлдис
3 майы прессæйы сæрибардзинады бон банысан кæнынц. Ацы бон Æхсæнадон Уацхæссæджы проектыл «Бирæгъуызон Гуырдзыстон» сыххæст ис 4 азы, цæмæ гæсгæ дæр Фыццаг Каналы менеджмент æмæ Гуырдзыстоны архаййæг æхсæнадæмон æмæ æнæхицауадон организациты минæвæртты æхсæн информацион фембæлд ацыд.
Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы генералон директор Тинатин Бердзенишвилийы дзырдæй, Æхсæнадон Уацхæссæджы иуæй-иу сæйраг аргъдзинад æхсæнады раз бæрнондзинад у. Афтæма йæ дзырдæй, зæгъгæ организаци перманентонæй ауадзы æндæр æмæ æндæр типы фембæлдтæ интересджын къордтимæ, кæцыйы нысан у организацион процессты æргомдзинадæн къухацаразын.
«Уацхæссæджы иуæй-иу нысаниуæгджын рард у этникон æмæ религион къордты минæвæртты активон бастдзинад Æхсæнадон Уацхæссæджы куысты æмæ уыдонæн актуалон фарстатæ равдисын продукцийы, алы платформæйыл» – банысан кодта Тинатин Бердзенишвили.
Проекты къухдариуæггæнæг, Рамилиа Алиева куыд райхъусын кодта афтæмæй, Æхсæнадон Уацхæссæг раст 4 азы размæ сарызта къорд «Бирæгъуызон Гуырдзыстон» организацийы этникон æмæ религион къаддæрдæрты информиркæнынæн, сæ интеграцийæн гуырдзыйаг алæвæрдты æмæ се взæгтыл медиапродукт æрцæттæ кæнынæн.
«Нырид 4 аз у, интенсивонæй цæуы куыст ацы æрдæм. Æхсæнадон Уацхæссæгмæ абон ис цыппар рауагъд азербайджайнаг æвзагыл, цыппар сомихаг æвзагыл, афтæма Фыццаг Каналы информацион рауагъды синхронон тæлмац азербайджайнаг, сомихаг æвзæгтыл ææ хæлиу кæны æндæр æмæ æндæр платформæтæй. Гуырдзыстоны Фыццаг Канал «Телескъолайы» фæлгæтты дæр æрцæттæ кодта уроктæ этникон къаддæрдæртæн. «Телескъолайы» эфиры æрвылбойнонæй цыдис гуырдзыйаг æвзаджы уроктæ æнæгуырдзыйагæвзагон ахуырдзаутæн. Гуырдзыстоны Фыццаг Каналæн бирæгъуызондзинад у иттгæ нысаниуæгджын æмæ приоритетон фарста. Фидæны дæр, Æхсæнадон Уахцæссæг бирæ проекттæ сыххæст кæндзæн нæ бæстæйы цæрæг æмбæстæгтæн, цæмæй базоной информаци, куыд бæстæйы, афтæ йæ фæсарæнты цæугæ фæзындты фæдыл» – загхта Рамилиа Алиева.
Уыимæ, Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы ног æмæ цæугæ хабæртты блокъы директор Гиорги Гвимрадзейы фидиуæнæй, Æхсæнадон Уацхæссæг, проект «Бирæгъуызон гуырдзыстоны» фæрцы, иуæй-иу сегасдæр ахсджиаг хайбавæрд кæны бæстæйы æмæ æхсæнады рæзынады.
«Бирæгъуызон Гуырдзыстон» нырид цыппар аз у цы кусы. Абон ацыд уыцы активондзинæдты презентаци, кæцытæ ацы рæстæджы дæргъы сыххæст сты. «Бирæгъуызон Гуырдзыстон» иттæг нысаниуæгджын у уыцы цæстæнгасæй, цы типы быцæусидтыты раз ралæууыд бæстæ, æмбæстагон интеграцийыл куы ныхас кæнæм, æрвылбойнон царды бастдзинадыл уæд. Мæ хъуыдымæ гæсгæ ай у иуææй-иу нысаниуæгджын хайбавæрд, кæцы Æхсæнадон Уацхæссæг кæны бæстæ æмæ æхсæнады рæзынады» – загхта Гиорги Гвимрадзе.
Æхсæнадон Уацхæссæджы минæвæрттæ фембæлды хайадисджытæн базонын кодтой проект «Бирæгъуызон Гуырдзыстоны» куыст, фидæны плантæ. Фембæлд адарддæр ис дискуссийы режимы.