Премьер-министры фидиуæнæй, Михеил Саакашвили куы рцæуа, уæд æй æрцахсдзысты
Куыддæр Саакашвили нæ территоримæ æрбахиздзæн, куыддæр нæ зæххыл иу къахдзæф сараздзæнис, афтæмæй, уыцы уысмы, уыдзæн ахст æмæ æргъæвд ахæстонмæ, ацы процессæн бахъыгдарын та чи бацархайдзæн уыдон, уыцы адæймæгтæ, иууылдæр, закъонмæ æмбæлгæйæ карз æфхæрд æрцæудзысты, – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвили райхъусын кодта.
Ираклий Гъарибашвили куыд банысан кодта афтæмæй, Михеил Саакашвили зæгъгæ нырид аст азы у цы æртхъирæн кæны æрцæуынæй, æмæ йæ бон никуы бацис æрцæуын, уымæн æмæ тæппуд лæг у, зоны уый, цæмæй ахæстонмæ бахаудзæнис.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ Саакашвили у тæрхонмæ лæвæрд, ахæстоны аккаг у, уымæн æмæ сраст кæнын гæнæн, цæмæн нæй ахæм знаггад ракодта бæстæйæн.
«Сидтытæ, цæмæй адæм рацæудзæн æмæ мæ баиргъæвдзæн, сты бынтон мæнг. Цæй хъом у, 5 мин адæймагы тых мæ фыдæй æрымбырд кæнынц, уый дæр ма пикы рæстæджы. Мах бафæрсæт, цас адæмы, фарсхæцджыты ракæнын у нæ бон уый. Саакашвилийыл амбæлдзæнис 1-0гай мин адæймаг, уымæ мæсты адæймæгтæ. Адæмы рæдыды бафтауын хъавынц æмæ архайынц, уавæр сызмæнтын. Тынг хуымæтæг дзуапп у, куыддæр Саакашвили æрбахиздзæн нæ зæххмæ, нæ территорийыл сараздзæн къахдзæф, уыцы тæккæ æрцæудзæн ахст æмæ ахæстонмæ æргъæвд, ацы процессæн бахъыгдарын та чи бацархайдзæн, уыдон, уыцы адæймæгтæ, иууылдæр, закъонмæ æмбæлгæйæ карз æфхæрд æрцæудзысты», – райхъусын кодта Гъарибашвили.