Гуырдзыстоны премьер- министр Мамука Бахтадзейы барамындæй, Тъхъибулы шахтæйы æрцæугæ трагедийы тыххæй, 16-æм июль фыдохы бонæй расидтæуыд.
Æмбæлон бардзырд хицауады сæргълæууæг цалдæр минуты размæ адæтта. Фыдохы бонмæ гæсгæ, Гуырдзыстоны территорийыл алы админстрацион бæстыхайыл паддзахадон тырысатæ бынмæ æруадздзысты.
Минделлийы шахтæйы абон сæумæрайсом трагеди æрцыд. Цауы амæттаг фесты 4 адæймаг. Ноджы æхсæз та зиæнттæ райстой. МХМ-ы куыд хъусын кæнынц афтæмæй, фæдæвзарæны фыццагон информацийæ, Минделлийы шахтæйы иуæй-иу тунеы æнхъæлцау метаны стынды фæстиуæгæн къулты деформацийы тыххæй æркалдис цар. Фактыл фæдæвзарæн райдыдта Гуырдзыстоны тугтæрхоны барады кодексы 240-æм статийы дыккаг хайæ.
Тъхъибулы шахтæйы бардарæг у компани «Сакнахшири». Шахтæйы трагеди цæугæ азы 5 апрелы дæр æрцыд. Уæд цауы фæстиуæгæн 6 адæймаг фæмард.