Премьер-министр дипломатон корпусæн рацæугæ фембæлдыл сфысым кодта
Гуырдзыстоны премьер-министр хицауады уæнгтимæ иумæ, дипломатон корпусæн сфысым кодта рацæугæ фембæлды рæстæджы.
Премьер-министры пресс-куысты информацийæ, фембæлдыл афæлгæстой ковид пандемийы æрдгæй Гуырдзыстон æмæ Дунейы уæвæг уавæр, уый нымæцы ныхас уыд пандемийæ зиангонд экономикæйы снæдидзын кæныны, афтæдæр туризмы, æхсæнадæмон дыууæрдæм змæлды сног кæныны фарстæтыл æмæ ацы æрдгæй куыд Гуырдзыстоны, афтæ дунейы падзахадты фæлтæрддзинад.
Хицауады уæнгтæ дипломаттæн бавдыстой информаци, туристон сезонмæ цæттæдзинады æмæ ацы æрдгæй уæвæг уавæры фæдыл. Æркастысты вакцинацийы цыды процесс æмæ вакцинæтæй ифтонг кæныны æрдгæй уæвæг глобалон уавæр.
Гуырдзыстоны премьер-министр дипломатон корпусæн ноджы иу хатт загъта бузныг пандемийы рæстæджы Гуырдзыстонæн æххуысы тыххæй.