«Картули Оцнебайы» офисы премьер-министр Гиорги Квирикашвилиый æмæ хицаугæнæг партийы æхсæн консультацитæ цæуынц.
Фембæлды хайад исынц министрты кабинеты уæнгтæ дæр.
Конкретонæй боны фæткъы фæдыл, фембæлды хайадисджытæ журналисттимæ нæ ныхас кæнынц, фæлæ бæлвырд кæнынц, цæмæй ныхас алы актуалон темæмæ баххæссдзæн. Сæ нымæцы ис Арчил Татунашвилийы хъуыддаг, Уæрæсейы фæсарæн хъуыддæгты министрады фидиуæн æмæ резолюци, кæцыйы хъуамæ райса парламент.
Консультациты фæстæ плангонд у «Картли Оцнебайы» политсоветы рабадт саразын, кæцыйыл хъуамæ фæбæрæг уа, Ванийы æмæ Хонийы мажоритар депутаттæм кандидатты нæмттæ.
Ролитикъон советы уæнгтæ куыд дзурынц афтæмæй, кандидатты фæдыл фидиуæн фæстæдæр сырæздзæн. Ахæлиугонд информацийы, цæвиттон кандидат гæнæн ис уа Имереты паддзахадон æвджид лæг Гиви Чъичъинадзе, нæ дæр æй бæлвырд кæнынц æмæ йыл нæдæр нæзагъд кæнынц.