Премьер  банкъытимæ,  цæмæй  17 аздзыд  кар хынцгæйæ  сывæллæттæн  рауæлдайгонд  200 ларийы  бæрц   æххуыс, банкъæй  хæс  чи дары,  уыдонæн хардзгондыл нæ банымайдзысты
Премьер банкъытимæ, цæмæй 17 аздзыд кар хынцгæйæ сывæллæттæн рауæлдайгонд 200 ларийы бæрц æххуыс, банкъæй хæс чи дары, уыдонæн хардзгондыл нæ банымайдзысты

17 аздзыд  кар хынцгæйæ  сывæллæттæн  рауæлдайгонд  200 ларийы  бæрц   æххуысы  алæвæрд  фыццаг сентябрæй   райдайдзæн;  банкъæй хæс чи дары,  уыцы  уæнгтæн  фæнывсангонд  суммæ    банкъ хардзгондыл нæ банымайдзæн,   –  æмбæлгæ бадзырд Гуырдзыстоны  премьер-министр  Гиорги Гахариа  æмæ коммерцион  банкты  къухдариуæггæнджыты  фембæлдыл   баххæстæуыд, кæцы   хицауады  администраци ацыд.  Информаци хъусын кæны   премьеры   пресс-куыст.

Бадзырдмæ  гæсгæ,  кæд  æххуысы  бенефициар  банкæй дары  хæс, уый  бамбæрзынæн,   фæнысангонд  социалон æххуысæй  хца нæ  ралыг кæндзæн.   Ацы  фарсты  тыххæй  банктæ  æмбæлон  операцион  æмвæзыл  кусын райдыдтой.

Фембæлды  Гуырдзыстоны   финансты  министр Иванэ Мачъавариани,  премьер-министры  уынаффæгæнæг   экономикон  фарстаты   бека  Лилуашвили, «Либерти Банкы» генералон   директор Васил  Ходели, «Гуырдзыстоны  Банкы»   генералон  директор Арчил  Гачечиладзе æмæ «ТВС Банкъы»  генералон  директор  Вахтанг Буцхрикидзе  истой  хайад.

18  азы онг  кары  иухаттон  200 ларийы аргъы  социалон  æххуыс райсыны  нысанæй арызт  специалон порталыл – daxmareba.moh.gov.ge абоны уавæрæй  регистрацигонд у   742 000 сывæллон  æмæ  442 000 ныйарæг.  Системæйы  регистраци   2020  азы   фыццаг декабры  онг адарддæр уыдзæн.