Америкаг программæ «Хæлц прогрессæн»-ы фæлгæтты Поты портмæ науæй æрластой 14 000 тоннæ америкаг мæнæу.
Уый фæдыл инфоормаци хъусын кæны Гуырдзыстоны АИШ-ы минæварад.
Афтæма сæ информацийæ, мæнæу рæувадат уыдзæн хицæн секторæн гуырдзиаг базарыл уæй кæнынæн.
Уæййæ æрбафтгæ суммæ АИШ-ы хъæууон хæдзарады департамент инвестицийы хуызæй нывæрдзæн хъæууон хæдзарады рапарахаты программæйы.
«Поты портмæ нау «Оушен Гранд»-æй 14 000 тоннæ бæрзонд гъæды америкаг мæнæу æрцыд, кæцы АИШ-ы хъæууон хæдзарады департаменты программæ «Хæлц прогрессæн»-ы хай у. Фæнысангонд уаргъ æртæ æрвитæггагæй сæ фыццаг у, кæцы иннæ мæйы дæргъы æрцæудзæн æмæ рæувадат уыдзæн хицæн секторæн гуырдзиаг базарл уæй кæнынæн.
Уæййæ æрбафтгæ суммæ АИШ-ы хъæууон хæдзарады департамент инвестицийы хуызæй нывæрдзæн хъæууон хæдзарады рапарахаты программæйы, цæмæй Фæхуыздæр уа Гуырдзыстоны фермерты æмæ амалиуæггæнджыты продуктивондзинад æмæ эффективондзинад. Уыйимæ иумæ, фæхуыздæр уа хæлцады æнæзианхъомдзинад æмæ гъæд Гуырдзыстоны æхсыр продуктты æмæ сдуры фыды кондады», – дзырдæуы минæварады информацийы.