Португалийы тыхдымгæйы фæстиуæгæн æппынкъаддæр фондз адæймаг фæмард
Тыхдымгæ «Кристины» фæстиуæгæн Португалийы æппынкъаддæр фондз адæймаг фæмард – уый фæдыл информацийы хъусын кæны ВВС.
Бæллæх сæрмагондæй бахъыгдардта бæстæйы централон æмæ цæгаттаг регионтæ.
ВВС-ы информацийæ, скъолатæ сты æхгæд, бæстыхæйттæ сты хъыгдард æмæ змæлд нысаниуæгджынæй фæкъуылымпы ис.
Æнæ рухсæй баззадысты 850 мин адæймагæй фылдæр. Медийы хъусинæгтæм гæсгæ, Португалийы фæстæ тыхдымгæ “Кристин” Испанийы æрдæм ахызт.