Польшæйы Сейм, æууæнк равдыста министрты советы скондæн, кæцыйæн къухдариуæг кæны премьер-министр Дональд Туск.
Хицауады скондимæ сразы ис 248 депутат, йæ ныхмæ уыдысты 201.
Уыимæ Сеймы хъылыскæныны процесс, цъус рæстæгæй уыд æргъæвд ультрарахиз радикал депутат, йæ къухы зынгхуыссынгæнæнимæ Сеймы дзуттаг бæрæгбон Ханукайы цырæгътæ куы ахуыссын кодта, уый тыххæй.
Медиайы хъусинагæй, хицауады уæнгтæ 13 декабры Польшæйы президент Анджей Дудайы раз рацæудзысты ардхæрды церемони. Стæй та ног премьер-министр Дональд Туск Брюсселмæ, евроцæдисы лидерты саммитыл хайад райсынмæ абалц кæндзæн.