Польшæйы Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвилийы кусæн визит райдыдта. Визиты фæлгæтты Саломэ Зурабишвили абон Польшæйы Республикæйы президент, Анджей Дудаимæ фембæлдзæн. Варшавæйы, Польшæйы Республикæйы президенты галуаны президентты хицæн фембæлды фæстæ, плангонд у иумæйаг пресс-конференци.
Польшæйы Республикæйы Гуырдзыстоны сæрмагонд æмæ æххæстбарджын минæвар Зураб Беридзейы фидиуæнæй, президентты фембæлдыл æркæсдзысты бæстæты æхсæн дыууæфарсон ахастыты стынг кæныны фарстатæ.
«Польшæ куыд нæ партнер бæстæ, традиционæй æмæ историонæй йæ фарсыл хæцыд Гуырдзыстонæн европаг æмæ евроаталантикон интеграцийы процессы, кæцы махæн абон иттæг актуалон у. Ныфс мæ ис, ацы фембæлдыл уый ноджы иу хатт сбæлвырд уыдзæн», – райхъусын кодта Зураб Беридзе.
Плангонд у Гуырдзыстоны президенты хайад райсын Освенцимы Сыгъ. Григол Перадзейы мæлæтæй 80 азысæрмæ нывонд мадзалы, кæцыйыл ацæудзæн Гуырдзыстоны æмæ Польшæйы посты иуæймаг маркæ – «Сыгъ. Сауджын хъизæрмагæнæг Григол Перадзе»-ы бавдисыны æмæ къухфыссыны церемони. Кусæн визиты рæстæджы Гуырдзыстоны президент горæт Краковы президент Лех Качинскийы æмæ йæ мкъайы ингæнмæ дидингуытæ бахæсдзæн æмæ сæ ном ссардзæн.
Информаци хъусын кæны Гуырдзыстоны президенты администраци.