Польшæйы президент, Уæрæсейы æрдгæй Гуырдзыстоны æмæ Украинайы  территорион æнæхъæндзинад  фалыны тыххæй, Стыр Авдмæ Уæрæсейы  æрыздæхты ныхмæ  у
Польшæйы президент, Уæрæсейы æрдгæй Гуырдзыстоны æмæ Украинайы территорион æнæхъæндзинад фалыны тыххæй, Стыр Авдмæ Уæрæсейы æрыздæхты ныхмæ у

Польшæйы президент  Анжей Дуда  Стыр Авды форматмæ  Уæрæсейы   æрыздæхты  ныхмæ у  æмæ уый æфсонæй бавдыста  Уæрæсе  Гуырдзыстоны æмæ Украинайы  территорион æнæхъæндзинад  кæй  халы  уый.  Фидиуæны   Польшæйы  фыццаг уæнг  АМерикæйы Иугонд Штатты  вице-президент  Майк Пенсимæ  фембæлды рæстæджы  сарызта. Информацийы  хъусын кæны  польшайаг медиа.

«Кæд лæмбынæг æркæсдзыстæм  фæстаг азты  дæргъы  куыд архайы  Уæрæсе, уæд  дырысæй  нæ бон уыдзæн уый  зæгъын,  цæмæй  чидæр архайы  сæрмагонд империалистон   амбицитæ сцырын кæнын искæй арæнты  ивды  хардзыл, æфсæддон бырстæй.  Ай  æрцыд  2008 азы Гуырдзыстоны, 2014 азы та Украинайы.  Абон Украина  сæрмагонд территориты  хай  нал кантрол кæны æмæ ай уыцы  уавæр у  кæцы Европæйы макуыуал  хъуамæ сфæлхатт уыдаит»- райхъусын кодта Анжей Дуда.