Польшæйы президент – НАТО-йы самитыл Гуырдзыстонимæ æмгуыстад фæтыхджындæр кæныныл хъуамæ æруынаффæ кæной
Польшæйы президенты, Анджей Дудайы фидиуæнæй, июлы плангонд НАТО-йы саммитыл Гуырдзыстонимæ æмæ Украинæимæ æмгуыстад фæтыхджындæр кæнын серьозонæй хъуамæ æркæсой.
Дудайы дзырдæй, «гом дуары» политикъæ у цæгат-атлантикон альянсы æддæ политикæйы сæйраг элемент. Фæнысангонд фидиуæны Польшæйы лидер, Варшавæйы цæугæ НАТО-ы парламентон ассамблейыл дзырдæй ралæуды рæстæджы сарызта.
«Ныфс мæ ис, июлы саммитыл æмцæдисонтæ Гуырдзыстон æмæ Украинæимæ æмгуыстад фæтхыджндæр кæныныл серьозонæй фæуынаффæ кæндзысты. «Гом Дуары» политикæ у цæгат-атланикон альянсы æддаг политикæйы сæйраг элемент, кæцы уыцы бæстæтимæ æмкуыстдзинады æрдæм у здæхт, кæцытæ интересджын сты альянсы алыварс æдадсзинады æмæ стабилондзинады зонæ ауæрæхдæр кæнынæй» – райхъусын кодта Польшæйы президент.
Варшавæйы НАТО-ы парламентон ассамблейыл дзырдæй ралæуды рæстæджы, Гуырдзыстоны Евроатлантикон тыгъдадмæ интеграцийæн фарсмхæцын равдыста альянсы генералон-нымæрдар Йкенс Столтенберг дæр. Йæ ныхæстæм гæсгæ, альянсы гом дуары политикæ уыдзæн иуæй-иу сæйраг темæйæ, кæцыйы июлы Брюсселы плангонд саммитыл æмцæдисонтæ æркæсдзысты.