Польшæйы, Лиетувæйы, Латвийы æмæ Эстонийы президенттæ Украинамæ ныццыдысты
Польшæйы, Лиетувæйы, Латвийы æмæ Эстонийы президенттæ Украинамæ ныццыдысты. Уыдон абон Киевы Украинайы президент Володимир Зеленскиимæ фембæлдзысты.
Уый фæдыл, укринаг æмæ польшайаг медиа, Польшæйы президенты офисы минæварыл æнцойæ хуъсын кæнынц.
Анджей Дуда, Гитанас Науседа, Эгилс Левитсисы æмæ Алар Карисы Украинамæ визиты организацигæнæг у Польшæйы хицауад.
Украинамæ визиты тыххæй, социалон хызаджы фыссы Лиетувæйы президент Гитанас Науседа.
«Нæ нысан у, йæ фарс рахæцын президент Зеленскийæн æмæ Украинайы хъахъъхæныджытæн бæстæйæн ацы скуыддзаггæнæг моменты. Фæцæуæм Киевмæ политикон фарсхæцыны æмæ æфсæддон æххуысы фидар æрвитæггагимæ. Лиетувæ адарддæр кæндзæн суверенитет æмæ сæрибардзинады тыххæй Украинайæн тохы æххуыс кæнын», – фыссы Гитанас Науседа.