Польшæ бæстæйы скæсæн хайы, Белорусси æмæ Украинæйы арæнмæ хæстæг, дронты уагъд тобæ кодта æмæ чысыл, æнæкоммерцион уæлдæфон змæлдæн арæнæвæрдтæ сфидар кодта
Польшæ бæстæйы скæсæн хайы, Белорусси æмæ Украинæйы арæнмæ хæстæг, дронты уагъд тобæ кодта æмæ чысыл, æнæкоммерцион уæлдæфон змæлдæн арæнæвæрдтæ сфидар кодта

Польшæ бæстæйы скæсæн хайы, Белорусси æмæ Украинæйы арæнмæ хæстæг, дронты уагъд тобæ кодта æмæ чысыл, æнæкоммерцион уæлдæфон змæлдæн арæнæвæрдтæ сфидар кодта.

Reuters куыд хъусын кæны афтæмæй, бæстæйы уæлдæфон навигацийы лæггæдты агентады (PANSA) æнцойæ, арæнæвæрдтæ сæ тыхы уыдзысты 9-æм декабрмæ.

Сæ ныхæстæм гæсгæ, ацы рæстæгмæ рейстæн бар уыдзæн æрмæстдæр зæххæй æртæ километры бæрц бæрзæндыл.

«Ацы арæнæвæрдтæ нæ хауынц бæлццæтты авиацимæ, уымæн æмæ арæнæвæрды æмвæзад у FL095, кæцы ахсы зæххæй æртæ километры бæрц дæрддзæг», — фехъусын кодтой PANSA-йы.

Информацимæ гæсгæ, 10-æм сентябры æхсæвы, Уæрæсейы æрдыгæй Украинæмæ масштабон бабырсты рæстæджы, цалдæр дроны Польшæйы уæлдæфон тыгъдад фехæлдтой æмæ æрæппæрстой. Польшæйы уæлдæфон тыгъдады фехæлды тыххæй, Польшæйы хицауад æркуырдта НАТО-йы хартийы 4-æм статьяйы активаци, кæцы домы æмцæдисонтимæ консультацитæ.