«Politico» - Демократи бахъахъхъæнынæн АИШ гæнæн ис гуырдзиаг политиктæн санкцитæ сфидар кæна
Демократи бахъахъхъæнынæн АИШ гæнæн ис хуырдзиаг политиктæн сангкцитæ сфидар кæна – уый фæдыл информаци хъусын кæны «Politico». Америкаг рауагъдад фыссы, цæмæй уыдон цы закъонопроект самал кодтой уымæ гæсгæйæ, санкциты нысанæй суыдзысты куыд хицаугæнæг партийы закъондæтджытæ æмæ барадхъахъхъæнджытæ, афтæ бæстæйы архайæг æнхъæлцау уырыссаг агенттæ дæр.
Статийы банысангонд у, цææмй закъонопроект бахæс кæндзæн америкаг бæрзонд гæстæн, информаци бадæтта КОнгрессæн «Гуырдызстоны уæвæг æнæмбæлон политикон æндæвдадты, клептократийы æмæ элитон коррупцийы фæдыл», афтæма бæстæйы архайæг æнхъæлцау уырыссаг æмæ китайаг рагысгарæгон активты фæдыл.
«Politico»-ыхъусинагæй, закъонопроект АИШ-ы хицауадæн ратлзæн мандат, санкцитæ сфидар кæна «хицауады официалон уæнгтæн æмæ æндæртæн, чидæриддæр барнон у Гуырдзыстоны демократийы, адæймаджы барты кæнæ æдасдзинадæн йæ бын ракъахыны æмæ базиан кæныны». АИШ-м балц арæнгонд уыдзæн уыцы политиктæн, æмæ сæ бинонтæн, чидæриддæр бæрнон у «уырыссаг стилы закъоны райсты».
Рауагхдады хъусинагæй, санкцитæ афтæдæр баххæсдзысты гуырдзиаг ьбарадхъахъхъæнджытæм æмæ æдасдзинады куысты кусджытæн,к æцытæ протестон акциты ныссæндыны истой хайад. «Politico»-ы информацийæ, проекты дзырдæуы,ц æмæй «Картули Оцнеба» арæзх уадзы Уæрæсеимæ а.х. «сфидауыны политикæ», кæцы у «æнæлибералон политикæмæ фæзилыны хай».
Закъонопроекты афтдæр банысангонд у, «Тбилис æргомæй бырсы АИШ-ы æмæ æндæр ныгуылæйнаг организацитæм, кæцытæ демократийы райрæзтыл кусынц. Афтæма, бынæттон æмæ æхсæнадæмон æмбæстагон дзыллæмæ, параллелонæй та тынг кæны цæдистæ Уæрæсеимæ æмæ Китайимæ». «Politico» куыд фыссынц афтæмæй, Хуссар Каролинæйы респубикаг конгресмен Джон Уилсрон фæнысангонд проекты абон бавдисдзæн.