Питр Сийарто – Евроцæдис хъуамæ амондджын уа Гуырдзыстоны Евроцæдисы уæнгсуæвын куы фæнды уымæй, хæсты фарсхæцæг политикты та фæнды, уый, нæгæнæн скæнын, уымæн æмæ Гуырдзыстонæн ис патриот хицауад
Евроцæдис амондджын хъуамæ уаид, цæмæй Гуырдзыстоны фæнды Евроцæдисмæ, хæсты фарсхæцæг политикты та фæнды, уый гæнæн цæмæн нæй афтæ скæной, уымæн æмæ Гуырдзыстонæн ис патриот хицауад, – уый фæды Венгрийы фæсарæн хъуыддæгты министр Питер Сийарто Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр Илиа Дарчиашвилиимæ лæвæрд иумæйаг пресс-конференцийыл райхъусын кодта.
Питер Сийартойы дзырдæй, Гуырдзыстонæн ис хицауад, кæцы хъахъхæны сæрмагонд нацийы интерестæ.
«Евроцæдисы абсолютонæй амонджын хъуамæ уой, цæмæй Гуырдзыстоны фæнды Евроцæдисы уæнгсуæвын æмæ Брюссел хъуамæ алцыппæт сараза, цæмæй йæ бауырна, ома Гуырдзыстон куыд гæнæн ис афтæ тагъд суыдзæн европаг бинонты уæнг. Цы уынæм, у уый цæмæй, хæсты фарсхæцæг политикты æмæ Брюсселы бюрократты фæнды, нæгæнæн скæной Гуырдзыстоны æнтыстджын интеграци Европæмæ.
Фæнды мæ радзурон уын Венгрийы цæвиттоны тыххæй, ома æлхъывдмæ нæкæсгæ, мах фидар слæууыдыстæм националон интересты, сабырады, нæ бинонты æмæ нæ куысты тыххæй, уымæн æмæ ай æппæт куы фæуагъдтаиккам, уæд нæ суверенитет фесæфтаиккам. Суверенитет у уый, кæцыйы хъуам1 хъахъхъ1нæм. Афтæмæй, сымах раст ф1ндагыл ыстут. Фидæны Венгрийы преидентдзинад, Венгри æмæ Венгрийы хицауад уын алыгъуызонæй баххуыс кæндзæн, цæмæй æддæйæ æлхъывдмæ нæкæсгæ, ма фесафат уæ суверенитет æмæ фæтагъд кæнат Евроцæдисмæ интеграцийы æмæ уæнгсуæвыны процесс». – райхъусын кодта Питер Сийарто.