Питер Стъано -  ныфс нæм ис, гæнæн бауыдзæн  Гуырзыстоны хицауадимæ æххæстаргъджын æмгуыстад  сног кæнын, кæд æмæ æвзæрстытæ  уыдзысты  уæгъдибар, æхсæнадæмон стандарттæм куыд æмбæлы  ахæм
Питер Стъано - ныфс нæм ис, гæнæн бауыдзæн Гуырзыстоны хицауадимæ æххæстаргъджын æмгуыстад сног кæнын, кæд æмæ æвзæрстытæ уыдзысты уæгъдибар, æхсæнадæмон стандарттæм куыд æмбæлы ахæм

Ацы этапыл нæм Гуырдзыстоны ахæм мисси нæй, кæцы кусдзæн ацы бæстæйы интервенциты æмæ дезинформацийы реагирдзинад фæбæрзонддæр кæныныл, уымæн æмæ, хъыгагæн, дезинформаци бæрнон кусджытæй, хицауады уæнгтæй цæуы, – уый фæдыл Европæйы пресс-спикер Питер Стъано расидтис Евроцæдисы æттаг политикæйы департамент, кæцы дзуапп радта фарстæн: «Кусут æви нæ Гуырдзыстонимæ дезинформацийы превенцийыл, уымæн æмæ Гуырдзыстоны дæр æвзæрстытæ æввахс кæнынц?»

Стъанойы ныхасмæ гæсгæ, ныфс дары, цæмæй Гуырдзыстоны хицауадимæ æххæст æмкуыстдзинад сног кæнын уыдзæн гæнæн.

«Гуырдзыстонæн нæ фарсылхæцындзинад дæр бирæвæрсыг у. Гуырдзыстоны нæ партнертимæ æмæ Гуырдзыстоны хицауадимæ фæстаг рæстæджы онг тынг интенсивонæй куыстам æндæр æмæ æндæр фарстатыл, фæлæ уый фæстæ Гуырдзыстоны уыд стыр хицæндзинад. Уый æрцыд, бæрнон кусджытæ Евроцæдисы ныхмæ дезинформацийæ пайда кæнын куы райдыдтой, уæд. Уый тыххæй дæр Гуырдзыстонимæ æмахастытæ райстой æндæр формæ, кæцыйыл цалдæр хатт ныхас цыд ацы аз уагъд æттаг хъуыдтæгты министрты советы, афтæ дæр Евроцæдисы лидерты æмвæзадыл.

Ацы этапыл нæм Гуырдзыстоны ахæм мисси нæй, кæцы ацы бæстæйы интервенциты æмæ дезинформацийы реагирдзинад фæбæрзонддæр кæныныл кусид, уымæн æмæ, хъыгагæн, дезинформаци бæрнон кусджытæй, хицауады уæнгтæй цæуы. Фæлæ дарддæр кæнæм æххуыс Гуырдзыстонæн æндæр миссийæ пайда кæнгæйæ, зæгъын цæстдарæг миссийæ, кæцы кусы сепаратистон регионты уавæры алыварс, зæгъын Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы. Ныфс нæ ис, цæмæй Гуырдзыстоны хицауадимæ æххæст æмкуыстдзинад сног кæнын уыдзæн гæнæн, кæд æмæ плангонд æвзæрстытæ уыдзысты сæрибар, рæстадон, æппæтдунеон æмæ европон стандарттæм гæсгæ», – расидтис Петр Стъано.