Питер Стано – Евроцæдис сиды Гуырдзыстонмæ, баиу уæд авиацион секторы Уæрæсейы ныхмæ архайæг санкцитæм
Евроцæдис сиды Гуырдзыстонмæ, кæцы тырны бауа Евроцæдисы уæнгдзинады кандидат бæстæ, баиу уæд Евроцæдисы æмæ æндæр бæстæты санкцитæм Уæрæсейы ныхмæ авиацион секторы æмæ стыр хъусдардæй уæд санкциты иуфарс ацыды кæцыфæнды архайдтыты æрдгæй, – уый фæдыл Евроцæдисы бæрзонддæр минæвары, еврокомиссийы вице-президентЖозеп Борелы пресспикер Питер Стано райхъусын кодта.
Афтæма йæ дзырдæй, зæгъгæ Гуырдзыстон йæ территоримæ Уæрæсейы мæнгæфсон хæдтæхджытæ ма хъуамæ бауадза.
Станойы дзырдæй, зæгъгæ Гуырдзыстон стыр хъусдардæй хуъамæ уа с анкциты иуфарс æрзилыны кæцыфæнды архайдтытæм.
«Уымæй уæлдай ма, æдасдзинадимæ баст нысаниуæгджын проблемæты фоныл, кæцыты фæдыл ИНО-йы æмбæстагон авиацийы æхсæнадæмон организаци (ICAO) Уæрæсейæн фехъусын кодта, Гуырдзыстон йæ территоримæ Уæрæсейы мæнгæфсон хæдтæхджытæ ма хъуамæ бауадза.
Евроцæдисы санкциты тыххæй, Уæрæсейы уæлдæфон флоты 95%-æн нал у сæ бон сæ хæдтæхджыты техниконæй срæвдз кæнын æмæ модернизаци, кæцы æнæмæнгхъæугæ у æхсæнадæмон техникон æмæ æдасдзинады стандарттæ мафесафынæн» – райхъусын кодта Питер Стано.
Уæрæсейы президент Владимир Путин знон рауагъдта барамындтæ, кæцытæ Гуырдзыстонимæ визон режим аивын æмæ комкоммæ тахтытæ сног кæнын дары йæ хъуыдыйы.
Гуырдзыстонимæ Уæрæсейæн визон режим иуфарсонæй уыдис æвæрд. Уæрæсейы Федерациимæ визон режим 2012 азы, уæды президент МИХЕИЛ СААКАШВИЛИЙЫ барамындæй аивдтой. Уæдмæ та, 2010 азы октябры, Гуырдзыстоны президент визон режим аивдта Уæрæсейы Федерацийы скондмæ бацæуæг, ЦÆГАТ КАВКАЗЫ РЕСПУБЛИКÆТЫ ЦÆРДЖЫТÆН.