Питер Фишер - Æртæ милуан евройæ фылдæр радтам Гуырдзыстоны ИНО-йы проекты барады уæлдæрдзинады æххуысæн, кæцыйы стыр хай нывонд у лигъдæттæн æххуысæн
Æртæ милуан евройæ фылдæр снысан кодтам Гуырдзыстоны ИНО-йы барады уæлдæрдзинады проекты æххуысæн, кæцыйы стыр хай нысангонд у лигъдæттæн æххуысæн – уый фæдыл Гуырдзыстоны Германийы минæвар Питер Фишер расидтис.
«Гуырдзыстон йæ фарсыл хæцы Украинæйæн.Уæрæсе æрбабырста Украинæмæ.Ай у бабырст Европæйы сабырадон фæткмæ Дыккаг дунеон хæстæй фæстæмæ.Мах æнхъæлдтам, цæмæй ахызтыстæм уыцы рæстæг, кæд æмæ арæнтæ тыхæй ивд æрцыдысты, кæнæ та арæнтæ æфсæддон тыхæй аивыны фæлварæнтæ цыдысты.Уæрæсе фехæлдта ацы бардзырд, мах уый нæ быхсдзыстæм.Мах æххуыс кæндзыстæм Украинæйæн, цас хъæуы, уыйбæрц.Уый зиан хæссы нæ æдасдзинадæн, нæ сæрибардзинадæн, уый дæр хауы æдасдзинадмæ. Гуырдзыстоны сæрибардзинад. Мах радтам æртæ милуан евройæ фылдæр, цæмæй æххуыс кæнæм ИНО-йы проектæн Гуырдзыстоны. Уый стыр хай цæуы лигъдæттæн баххуыс кæнынæн, цæмæй уыдонæн уа фадат сæхицæн баххуыс кæнын, лæггæдтæ райсын сæ бон уа, сæ бон уа бизнес райдайын Ацы уæззау рæстæджы, кæд æмæ тыхбын сты сæ райгуырæн бæстæйæ алидзын, цæмæй сæ бон уа исты æфтиæгтæ бакусын æмæ сæхи бахъахъхъæнын ацы æвирхъау рæстæджы.