Pfizer-ы вакцинæйы фыццаг кварталы райсынæн, «Коваксы» платформæимæ интенсивон бадзырдтæ цæуынц
Æнæнизхъахъхъæды министры хæдивæгы Тамар Габуниайы фидиуæнæй, бæстæйæн ис куыд регулиргæнæг цæттæдзинад, афтæма техникон базæ, цæмæй коронавирусы ныхмæ вакцинацимæ æрывнала.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ Гуырдзыстонмæ ис фадат райса кæцыфæнды температурон домæнты вакцинæ. Уыйимæ иумæ ма Габуниайы информацийæ, «Коваксы» платформæимæ цæуынц интенсвион бадзырдтæ «Пфайзеры» вакцинæйы фыццаг дозæты ацы азы фыццаг кварталы райсыны фæдыл.
«Гуырдзыстоны нын ис фадат, кæцыфæнды температурон домæнты вакцинæ. Махæн нысаниуæгджын у æнæниздзинад хъахъхъæнынады æппæтдунейон организацийы банымад, афæтдæр карз регулиргæнæг органты банымад. Цалдæр вакцинæ уыдон банымадтой: «Пфайзер», «Астразенека», «Модерна». Фæлæ стæй куыддæр дзы ног вакцинæ фæзындзæн базарыл кæцыйы афтæдæр нымадмæ исдзысты, кæй зæгъын æй хъæуы, планæй уый дæр рагхыгъдгонд уыдзæн.
Æмгъуыдты тыххæй куы зæгъæм, фыццаг этапыл, æмæ ацы фыццаг этап у 2021 азы фыццаг квартал, уый фæдыл «Коваксы» платформæимæ цæуынц интенсивон бадзырдтæ фыццаг дозæтæ фыццаг кварталы райсыны тыххæй. Уый тыххæй майрæмбон министрад арвыста фыстæг. Абон уыдис фæстаг æмгъуыд интерес равдисынæн æмæ сбæлвырд кæнынæн цæмæй бæстæ уый хъом у, æмæ тæккæ райсом куы уа фадат, райдайæт вакцинаци «Пфайзеры» факцинæйæ. Ацы конкретон фыстæг, «Коваксы» платформæмæ æххæссы «Пфайзеры» вакцинæйæ иммунизаци райдаынмæ фыццаг кеварталы. Фæлæ цух нæу уый дæр æмæ гæнæн ис ахæм интерес æмæ æнхъарæн уа «Коваксы» платформæйы æрдгæй, ома фыццаг кварталы райдайæм «Астразенекайæ» вакцинаци. Сæйраг уый у, цæмæй бæстæмæ ис куыд регулиргæнæг цæттæдзинад афтæ техникон вакцинаци райдаынæн æмæ фæдылдзог дыууæ мæйы дæргъы, кæцы уыдзæн фыццаг кварталы периоды», – райхъусын кодта Тамар Габуниа.