Петро Порошенко  украинæгтæм æрсидтис улæфтмæ Гуырдзыстонмæ ацæуынмæ - Фæнды мæ   ракурон уæ абалц кæнут  аив, хурджын гуырдзиаг курорттæм
Петро Порошенко украинæгтæм æрсидтис улæфтмæ Гуырдзыстонмæ ацæуынмæ - Фæнды мæ ракурон уæ абалц кæнут аив, хурджын гуырдзиаг курорттæм

Украинайы  раздæры президент Петро Порошенко Гуырдзыстонæн фарс рахæцынæн   специалон  видеосидт   хæлиу кæны æмæ  украинæгтæм сиды  Гуырдзиаг  курорттæм ацæуой  улæфтмæ.

ЙÆ ныхæстæм гæсгæ,   зæгъгæ Уæрæсе  архайы  Гуырдзыстон  фæлæмгъ кæна  экономиконæй,  уый тыххæй   рæхойы Гуырдзыстоны  туристон  сектор.

«Нæ политикъон  тых  æххæст солидарондзинад сиды  гуырдзиаг адæмæн, кæцы   рацыд Уæрæсейы,  Уæрæсейы  агрессийы  ныхмæ æмæ  тох кæны  оккупациимæ.  Гуырдзыстоны ныхмæ  Кремль  традиционæй   пайда кæны   йæ  ахуыр мадзæлттæй,   кæцытæй   Уæрæсе нæ   паддзахады ныхмæ   гибридон хæсты  пайда кæны.   Ныр Мæскуыйы  та  æрфæндыд  уæлдæфон цыд   сæхгæдæй  Гуырдзыстоны экономиконæй  фæлæмæгъ  кæнын æмæ  ныццавдта Гуырдзыстоны туризмы  сферæ» –  райхъусын кодта  Петро Порошенко.

Украинæйы  раздæры президент  украинæгтæм  сиды, фæсарæнтæм æмæ   оккупацигонд ХЪырымы  улæфты бæсты,   абалц  кæной Гуырдзыстонмæ.

«Мах украинæгтæ   вазыгджын афоны  ма хъуамæ  фæуадзæм  нæ гуырдзиаг æфсымæрты.  Фæнды мæ   ракурон уæ,  нæ  æмбæстонтæй, кæцытæ план кæнут фæсарæнты кæнæ оккупацигонд Хъырымы  баулæфын,  ацæуат  Гуырдзыстонмæ.  Чидæриддæр нырма  ерын план кæнут уæ  æнцойуагъд, уыдонæй  курæг дæн,   абалц кæнут  аив, хурджын гуырдзиаг курорттæм, цы ран уын  гуырдзиæгтæ, сæ номдзыд  уазæгуарзондзинад равдисдзысты» – банысан кодта Порошенко.

Афæтма  Петро Порошенко æрсидтис Украинайы   хицауадмæ, Гуырдзыстон-Украниæйы  авиахаххытыл  уæлдæфон   навигацийы  лæккады  фидтон  фæкаддæр кæна.

«Сидын  Украинайы хицауадмæ æмæ  инфраструктурæйы министрадмæ  æнхъарæнæй, ацы периоды   фæхатыр кæной  æргътæй  Украина-ГУырдзыстоны  рейсытыл  уæлдæфон   навигацийы  лæккады  æмæ  аэропортты фидтоныл. Авиакомпанитæн та  сæ бон у  билетты  æргътæ фæаслам кæной.

Гуырдзыстон  КИевы    номхуынды   нысаниуæгджын  ивд  бахаста  (Kiev – Kyiv). Мæ хъуыдымæ гæсгæ, Украинæйы фæсарæн хъуыддæгты  министрад, хъуамæ райдайæт  бадзырдтæ,  Гуырдзыстоны официалон номхуынд раивыны  фæдыл («Грузиайы» бæсты). Гуырдзыстонæн  фарсхæцын  нысан кæны  Украинæйæн  фарс хæцын» – банысан кодта Петро Порошенко  видео-басидты,  кæцыйыл ис  уæлæфыст  гуырдзиагау – «Украинæгты зæрдæтæ Гуырдзыстоны тыххæй  кусынц».