Петро Порошенко Сау Денждызы Украинæйы кантролы зонæ ауæрæхдæр кодта
Украинæйы президент Петро Порошенко Сау Денджызы Украинæйы кантролы зонæ ауæрæхдæр кодта.Нырæй фæстæмæ Украинæйы хицауадмæ бар уыдзæн сбæрæг кæна алы уыцы нау, кæцы Украинæйы территорион дæттæй 24 денджызон милы дæрццæг ауайдзæн. Афтæмæй Украинæйы кантролы зоны Сау Денджызы фæдывæр ис.
«Территорион дæттæм хæстæг уæгæ зонæ, æхсæнадæмон нормæтæм гæсгæ, нæу нæдæр юрисдикцийы æмæ нæдæр суверенитеты зонæ. Ай у денджызон фадыг, кæцйы арнгонд кантролы сæххæст ис гæнæн» – хъусын кæны закъоны иуæй-иу автор, Украинаг депутат Ирина Фризь.
«Ацы закъон срæыдз кæндзæн, таможнæйы, фискалон, санитарон æмæ миграцион закондæттынады гæнæн састы превенци» – дзырдæуы Украинæйы президенты пресс-куысты фидиуæны.